Хуссар Ирыстоны сарæзтой тымбыл стъол «Послевоенный синдром», зæгъгæ
«Послевоенный синдром», зæгъгæ, æрмæгыл Хуссар Ирыстоны сарæзтой тымбыл стъолы æмбырд. Архайдтой дзы æхсæнадон архайджытæ, психологтæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ æмæ æндæртæ. Мадзалы сæйраг нысан - 11 азы размæ республикæйы цы цаутæ æрцыд, уыдон - цæрджыты психологон уавæрыл цавæр фæд ныууагътой, уый сбæрæг кæнын. Хуссар Ирыстоны цæрджытыл хæстон цаутæ стыр фæд ныууагътой. Æппынæдзух сæ сывæллæтты цардыл тасдзинад. Хиуæтты фесафын. Уыцы тыхстдзинæдтæ тынг фæбæрæг сты адæмы психологон уавæрыл. Генетикон æгъдаумæ гæсгæ ирон адæмы психологи фидар у. Ахæм хъуыдыйыл хæст у психолог Габолаты Индирæ. Фæлæ, æнæмæнг, ахæм æвзæр уавæртæ сæ фæд ныууагътой. Депресситæ, тæрстытæ - ахæм симптомтимæ арæх æрбацæуынц æххуысагур дохтыртæм. Фылдæр хатт низтæ рабæрæг вæййынц, хæсты фæстæ цы фæсивæд хъомыл кодта, уыдонмæ. Рæстæгæй рæстæгмæ республикæйы цæрджытæ ацæуынц диспансеризаци. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2008 азы цауты фæстæ сарæх сты зæрдæ æмæ дадзинтимæ баст низтæ. Адæммæ арæхдæр фæзыны сæкæрниз. Сывæллæттæ `ййафынц растдзурынадимæ баст къуылымпыдзинæдтæ. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады минæвар Сиукъаты Нинæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй профилон министрад ацы хъуыддаг аиуварс кæныныл бæстонæй архайы. Уый тыххæй республикæйы фæзындзæн психологон æххуысы центр. Ахæм хъæппæрис бахаста Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны минстр Тотчиты Георгий. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг аиуварс кæнын хъæуы æнæмæнг. Цæмæй наци уа æнæниз æмæ психологон æгъдауæй фидар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны сарæзтой тымбыл стъол «Послевоенный синдром», зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ