Фæндаггон змæлды æдасдзинады къамисæн уыд æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Фæндаггон змæлды æдасдзинады къамисæн уыд æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Архайдтой дзы Мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуы разамынды кусджытæ, администрацийы уæнгтæ æмæ Паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ. Горæты фæндæгтыл æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынæн цавæр мадзæлттæ сарæзтой, уый тыххæй радзырдта Фæрниаты Тамерлан. Егъау цалцæггæнæн куыстытæ скодтой ацы аз фæндæгты уæлцъар раивыны тыххæй, уыимæ ма сифтонг кодтой æмбæлгæ бынæтты фæндаггон змæлды нысантæ дæр æмæ светофортæ. Цы бæлæстæ сæ æмбæрзынц, уыдоны къалиутæ сæрмагонд службæтæ алы ран дæр æрцыбыртæ кодтой. Ахæм куыстытæ горæты администраци кæны паддзахадон автоинспекциимæ, уый тыххæй сын Фæрниаты Тамерлан загъта бузныджы ныхæстæ. Фæндаггон змæлдмæ сæ цæст чи дары, уыдон радзырдтой Дзæуджыхъæуы фæндаггон змæлды уавæры тыххæй. Сæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы аз горæты æрцыд 300 фæндаггон фыдбылызæй фылдæр, 11 адæймаджы дзы фæмард. Ис бынæттæ, аваритæ фылдæр кæм цæуы, ахæмтæ. Уыцы рæтты хъуыддаг хуыздæры ’рдæм куыд аивæн ис, уый тыххæй æмбырды æрныхас кодтой. Архайджытæ фæнысан кодтой, социалон рекламæ дæр парахат кæнын кæй хъæуы, уый. Уазæлтты тыххæй бырынцъаг кæй у фæндæгтыл, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы администраци хъуамæ баххæст кæна æдасдзинады домæнтæ. Ныридæгæн балхæдтой 100 тоннæйы цæххæмхæццæ змис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæндаггон змæлды æдасдзинады къамисæн уыд æмбырд

Категория:

Новости и СМИ