15 октябры сбæрæг кодтой хъæуы цæрæг сыгоймаджы æппæтдунеон бон

Афтæ Хъæцмæзты Гаянæ алы изæр дæр фенхъæлмæ кæсы йæ фосмæ. Бабæттыны размæ та сæм æнæмæнг фæлмæнæй сдзуры сæ нæмттæй, æрлæгъз сæ кæны. Афтæ сæ цæттæ кæнын райдайы дуцынмæ. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй сæ алкæмæн дæр ис йæхи хицæндзинæдтæ æмæ алцыдæр æмбарынц. Дуцæн аппарат Гаянæмæ нæй. Архайы æрмæст къуыхæй. Ссæдз минуты райсомæй æмæ уый бæрц изæрæй дæр. Суткæмæ хъуццытæ æркæнынц 40 литры бæрц. Гаянæ дзы ахсы ирон цыхт. Фæлæ уый бæрц æхсыр алкæцы хъуджы мыггаг нæ кæны, зæгъы Гаянæ. Зæгъæм, Марфæмæ æлхæнджытæ иу æмæ дыууæ хатты не рбацыдысты. Фæлæ, кæйдæр загъдау, ахæм хъуг хи хъæуы. Ноджы дыгæрдгуытæ æмæ æртындæс та галтæ. Иуныхасæй, Гаянæйæн уæгъд рæстæг нæй. Фæлмæн сылгоймаг æхсæз сахатæй фæстæдæр никуы сысты. Зæгъæм, ныр та 4 сывæллоны мад зымæгмæ цæттæ кæны. Пъамидортæ, цывзы, нуры, басгæрдӕджытæ. Се ппæт дæр хи цæхæрадонæй. Ацы аз тыллæг уæлдай хъæздыг рауад. Бинонтæм ис 40 фæткъуы бæласæй фылдæр. Дарынц мыдыбындзытæ. Мыд æрæмбырд кодтой æрæджы. Фæллайыс, зæгъгæ, Гаянæйы куы бафарстам, уæд нын дзуапп радта, рагæй кæй сахуыр æппæт куыстытыл. Сылгоймаг йæхæдæг дæр схъомыл хъæуы. Хæдзарон куыстытæ кæддæриддæр уарзта. Ныр дæр ын хæссынц æрмæст удæнцой. Уæлдай дæр та, дæ фарсмæ хæлар бинонтæ куы уа, уæд. Æмæ кæд кусын хъæуы райсомæй суанг изæрмæ, æнæ улæфæн бонтæй æмæ алыхуызон боныхъæды дæр, уæддæр Гаянæ йæ цардыуаг ницæуыл баивдзæн. Сылгоймаджы æппæтадæмон боны тыххæй никуы фехъуыста, фæлæ ныр зоны ахæм бæрæгбоны фæдыл радон хатт кæй æрæмбырд уыдзысты стыр æмæ хъæлдзæг бинонтæй сæ фынджы уæлхъус.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
150 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии