Транскамы кæронмæ фæхæццæ кæны цæугæдон "Садонка"-йы сæрты хиды цалцæг
Транскамы кæронмæ фæхæццæ кæны цæугæдон "Садонка"-йы сæрты хиды цалцæг. Куыстытæ фæуынвæн кæнынц июлы. Ныртæккæ специалисттæ архайынц нысангонд æмгъуыдæй раздæр. Ацы арæзтад у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны 'хсæн иунæг транспортон бастдзинад. Дыууæтæлмон хидыл бирæ уæзæвæрд цæуы. Йæ рацарæзт райдыдта бæстон иртæстыты фæстæ: райхæлдтой зæронд фидаргæнæн къултæ, сæвæрдтой дзы æфсæйнаг æмæ бетонæй конд ног цæджындзтæ, йæ фæйнæ фарс фæзынд донæмбырдгæнæн гæрзтæ цъайтимæ. Йæ асбæрц нæ фæивта, фæлæ йæ хæрзхъæддзинад та фæдывæр, зæгъынц специалисттæ. Хъæуы ма дзы гæрæнтæ æмæ фæндаггон нысæнттæ равæрын. Проекты аргъ у 85 милуан сомы. Æхцайы фæрæзтæ радих кодтой федералон бюджетæй.