Лифты фарстайыл бакусын!
Доваторы номыл Проспекты 23-йы хæдзар у æцæгдæр диссаджы бынат. Иу уæладзыджы 7 фатеры ис. Горæты ахæм бæстыхæйттæ нæй. Лифт цы уæз фæразы, уымæй дыууа хатты фылдæр уæз ласы. Уый та фæбæрæг вæййы цæрджытыл дæр. Лифт цал хатты сыгъди, уый нымайын бафæллад сты. Уæдæ лифтыл цæугæйæ, дзы адæм цал хатты баззадысты, уый дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд. æмæ та радон хатт сæвзæры фарста - ацы фарстайыл хъуамæ чи бакуса?! "Лифтремонт" - у республикæйы фирмæтæй иу. Сæ хæс у лифттæ цалцæг кæнын. Иу бонмæ сæм 15 курдиатæй къаддæр нæ бадæттынц. Лифтты куыст къуылымпы кæны уæладзгуытæ амонæн кънопкæтæ, кæнæ та дуæрттæ кæй нæ фæкусынц , уый. Лифт баивынæн та бирæ æхца хъæуы. Дзæуыджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты ныртæккæ 770 лифты ис. 300 дзы, æвæстиатæй, хъæуы сцалцæг кæнынУæвгæ, сæ æксплуатацийы рæстæг 25 азы у. Пайда та сæ дзæвгар фылдæр рæстæг кæнынц . Бирæтæ дзы 40-гай азы кусынц . Хæдзæртты бындурон цалцæджы фонд фæнд кæны 100 лифты аивын. “Кæд экспертизæ банымайа æмæ лифт рæстæгæй тагъддæр хъæуы саразын, уæд æм æнæ радæй базилдзыстæм. Пелиты Сабинæ, Виктория Багадзе, Игорь Войцеховский. Ирыстоны Хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лифты фарстайыл бакусын!
Категория:
Новости и СМИ