Дзуапп ратдзæн
Æрыдон æмæ Дзæуджыхъæуы `хсæн фæндагыл знон цы æвирхъау бæллæх æрцыд, уый фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Ахæм æгъдауæй дзуапп дæтдзæн, фыдбылыз чи расайдта, уыцы хæдтулгæйы шофыр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, знон изæрæй фæндæгтæ аразæн службæты хæдтулгæ гуымиры хуызы фехæлдта фæндагыл цæуыны æгъдау. Уыцы минут ма йæ фæрсты цыдис рог фæсарæйнаг хæдтулгæ. Йæ шофыр, 21-аздзыд лæппу, нæ сарæхст ахæм æвæстиат уавæрты æмæ уæзласæн автомашинæйыл йæхи сцавта. Йемæ ма уыдис 25-аздзыд æмбæлццон чызг. Стыр хъыгагæн, дыууæйæ дæр бынаты дзыхъмард фесты. Уголовон хъуыддагыл дарддæр кусынц, фыдбылыз куыд æрцыд, уый бæлвырдæй иртасгæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзуапп ратдзæн
Категория:
Новости и СМИ