Фæтых уыдзæн, æви нæ?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Сæрды æртыккаг мæй Цæгат Ирыстоны цæрджыты иу хай сæхиуыл уæлдай тынгдæр банкъарынц. Уый та уый тыххæй æмæ августы амбрози райдайы дидинæг калын. Аллерги кæмæ ис, уыдон уыцы рæстæгмæ сæхи рагацау фæцæттæ кæнынц. Амбрози зиан хæссы куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр. Куыд ис ацы зайæгойæ хи бахъахъхъæнын, уый сбæрæг кодта не сфæдыстадон къорд. Сæрды æртыккаг мæй тагъд йæ тæмæны бацæудзæн. Республикæйы цæрджытæй бирæтæн уый æнцон рæстæг нæу. Зианх æссæг амбрози дидинæг калын райдайдзæн. Аллерги кæмæ ис, уыцы адæмæн августы сæ хуыздæр хæлæрттæ свæййынц фындзы кæлмæрзæнтæ æмæ хостæ. Дохтыртæ уавæрмæ сæ хъус дарынц, æмæ æрвылазон иртæстытæм гæсгæ скодтой хатдзæгтæ. Ацы низ кæуыл фæтых вæййы, уыдон азæй-азмæ къаддæр нæ, фæлæ фылдæр кæнынц. Бирæтæ ацы низмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц. Цы фæстиуджытæм расайдзæн, ууыл нæ хъуыды кæнынц. Уæдæ поликлиникæтæм дæр афоныл нæ цæуынц. Зиан цы хæмпæлгæрдæг хæссы, уыимæ тохгæнын хъæуы, уый дызæрдыккаг нæу. Фæлæ куыд? Амбрози кæм зайы, уыцы фæзуæттæ хъуамæ сыгъдæг кæной. кæмæ хауынц уыдон. Уый æнæмæнг домæн у. Кæй нæ фæнды, уый та бафидын хъæудзæн ивартæ. Фæлæ фылдæр хатт амбрози кæй зæххыл æрзад, уый хицауы ссарын тынг зын вæййы. Адæймаг стæм хатт кæм æмбæлы, стæй фæндæгты алыварс цы амбрози зайы, уыимæ та тох кæнынц префектурæты кусджытæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, æнæхъæн быдыртæ æркæрдынц. Фæлæ уавæр банывыл кæнын æнцон нæу.Уый та уый тыххæй,æмæ у къудзийы бынаты уайтагъд ногтæ фæзыны, æмæ та бабирæ вæййынц. Цалынмæ зиан хæссæг кæрдæгимæ тох кæной, уæдмæ аллерги кæмæ ис, уыдоны хъæуы сæхи хъахъхъæнын. Афоныл дохтыртæм цæуын. Уымæй уæлдай ма амбрози арæх кæм у, ахæм бынæттæй хи дард ласын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæтых уыдзæн, æви нæ?

Категория:

Новости и СМИ