Уæрæсейы бæрæг кæнынц граждайнаг авиацийы бон
Уæрæсейы бæрæг кæнынц граждайнаг авиацийы бон. Уый фæдыл аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы кусджытимæ фембæлдысты республикæйы промышленность æмæ транспорты министрады минæвæрттæ. Загътой сын бузныджы ныхæстæ. Схорзæхджын сæ кодтой кады гæххæттытæ æмæ хицауадæй бызныджы фыстæджытæй. Хуыздæрты `хсæн 40 адæймаджы: фельшертæ, медицинон хотæ æмæ аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы кусджытæ. Елена Панюкова, аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы сменæйы хицау: «Ацы къабазы кусын 10 азæй фылдæр. Мæ куыст у тынг цымыдисаг. Ацы къабаз æнтыстджынæй рæзы, уый мын у тынг æхсызгон. Нæ аэропорт дæр æнтыстджынæй размæ къахдзæфтæ кæны. Фидæнмæ нæм ис бирæ пълæнттæ, бæлццæтты нымæц дæр зынгæ фæфылдæр. Мæнæн тынг æхсызгон у профилон министры къухæй кады гæххæт райсын». Хайдарбек Бутов, РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Мах æрвылаз сбæрæг кæнæм хуыздæр кусджыты. Бæрæгбон нын у куыд хорз традици. Фыццаг хатт ацы бон сбæрæг кодтой 1923 азы. Уæд фæзынд æхсæнад «Добролёт», дæр. Уый фæстæ райрæзт æмæ сси Аэрофлот. Ацы къабазы кусджытæ бæстонæй æххæст кæнынц сæ куыст. Мæ зæрдæ сын зæгъы дарддæр дæр æнцонæй куыд фыдæбон кæной. Сæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ куыд æфта!». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы бæрæг кæнынц граждайнаг авиацийы бон
Категория:
Новости и СМИ