Хуыздæрты равзарын
Æмæ ма нæ программæйы кæронбæттæн информаци. Фехтованимæ дæсныдæр чи у, уый раиртасыны тыххæй Дзæуджыхъæуы сарæзтой турнир Дзарасаты Саукуыдзы номыл спорты Галуаны. 300 лæппу æмæ чызджы рацыдысты æппæтадæмон къласы спорты мастер фехтованийæ Годжиаты Владимиры номарæн ерысты архайынмæ. Райдыдтой абон кадджын уавæры. Ирыстойнаг спортсментимæ хуыздæрты ном райсыныл тох кæнынц Волгограды, Краснодары æмæ Стъараполы крайты, Донецкы облæст, Дагестан æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйы командæтæ. Сæ кармæ гæсгæ сæ адих кодтой 2 категорийыл – 12-14 æмæ 14-17-аздзыдтыл. Ерыстæ саразынæн баххуыс кодта республикæйы физкультурæ æмæ спорты министрад. Спортсментæ с` арæхстдзинад æвдисдзысты 15 маймæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæй æмæ хæрзиуджытæй. Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый, æмæ ирыстойнаг спортсментæн ацы турнир æппæтуæрæсеон чемпионаты архайынмæ æвзарæн къæпхæн кæй у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуыздæрты равзарын
Категория:
Новости и СМИ