Хæдзарон фосæн фыдмиты раканды тыххæй мæздæджы байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Хæдзарон фосæн фыдмитæ раканды тыххæй Мæздæджы байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Районы прокуратурæ сарæзта басгæрст, æнæхадзар цæрæгойты фыдмиты цауты фæдыл. Уый тыххæй социалон хызты апарахат информаци. Ведомствойы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æрæджы æнæзонгæтæ, дыууæ дзæгъæл куыдзы, саунад фæкодтой. Ссардтой сæ Юбилейныйы номыл уынджы хæдзары кæртытæй иуы. Барадхъахъхъæнджыты хатдзæгтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ дæр сæхæдæг уыцы хæдзары цæрынц. Цæрæгойты аирвæзын кодтой бархионтæ. Прокуратурæ æрмæджытæ арвыста слестгæнæн комитетмæ. Уым сæм куы æркастысты, уæд байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы кодексы 245-æм статьямæ гæсæгæ – Хæдзарон фосæн фыдмиты цауты тыххæй. Фыдгæджытæм ныр æвзиды суанг ахæстоны фæбадыны тæрхон 5 азы онг. Юрист Атайты Дианæ: «Ацы хъуыддаг хъуамæ суа æвдисæн. Фыдгæнджыты хъуамæ æнæмæнг закъонмæ гæсгæ бафхæрой. Бонæй бонмæ хæдзарон фосæн фыдмитæ раканды тыххæй цаутæ фылдæр кæнынц. Уый тæссаг уавæр у. Ахæм фыдмитæ чи фæкæны, уый фидæны æвзæр цæстæй фæкæсы адæммæ дæр, сывæллæттæм дæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæдзарон фосæн фыдмиты раканды тыххæй мæздæджы байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ