Бекмæрзты 5 æфсымæры хæдзары цур цы зæххы хай ис, ууыл тох кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Бекмæрзты 5 æфсымæры Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты сæ цард радтой райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны тыххæй. Фæлæ сæхæдæг цы зæххыл схъомыл сты, уый ныр дзырддаг сси. Хъæбатырты хæдзарыл тох кæнынмæ фесты. Бæлвырддæр дзургæйæ та афтæ: Бекмæрзты 5 æфсымæры хæдзар - бинонты, йæ цуры цы зæххы хай ис, уый та - администрацийы бæрны. Цæмæ афтæ, уый бынтон бæлвырд нæу. Нæ уацхæсджытæ дæр æм уый тыххæй се`ргом аздæхтой. Хъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй зæххы хай хицауадмæ хауы. Бекмæрзты бинонтæ - разы не сты, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, зæхх уыди сæхи бæрны, фæлæ йæ хъæуы хицау йæхи бакодта. Гæлиаты бынæттон администрацийы сæргълæууæг Цопанты Люся ныр дыууæ азы дæргъы кусы хъæуы хицауæй. Йæ бæрны сты Гæлиат, Дунтæ æмæ Къæмынтæйы хъæутæ. Ацы зæххы хайы фæнд кæны, Фыдыбæстæйы стыр хæсты чи фесæфт, уыдоны номыл сквер скæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ республикæйы цæрджытæн, туристтæн, кæнæ та уазджытæн сæ бон уыдзæн фенын, кæддæр хæсты чи архайдта æмæ дзы чи нал сыздæхт, уыцы хæстонты тыххæй æрмæг. Зæххы хайы раз цы хæдзар ис, уый у Бекзмæрзты 5 æфсымæры хæдзар. Фыдыбæстæйы стыр хæстæй хъæбатыртæ нал сыздæхтысты. Баззади ма сын иунæг хо - Мамыкъаты Таузан. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ Къæмынтæйы хъæуы хицау сквер кæнынмæ кæм хъавы, уый рагæй дæр уыдис Бекмæрзты бинонты хи зæхх. Ныртæккæ архæйы, йæ рæстдзинад сбæлвырд кæныныл. Цалдæр хатты, уый фæдыл бахъаст кодта тæрхондонмæ, фæлæ йæ уынаффæйæ разыйæ нæ баззад. Архивон æрмæджытæм гæсгæ, Бекмæрзты 5 æфсымæры хæсты цæхæрæй куы нал сыздæхтысты, уæд сæ хæдзар уыдис хъæуы бæрны. Цасдæр рæстæг дзы уыди скъола æмæ ма чиныгдон дæр. Фæлæ 2013 азы Æрæфы районы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, хæдзар радтой Бекмæрзты æфсымæрты хойæн - Мамыкъаты Таузанæн. Хæдзары раз цы зæхх ис, уый та администрацимæ хауы. Фæлæ уыимæ Бекмæрзты мыггаг разы не 'сты. Ацы хъуыддажы фæдыл æрæджы не 'сфæлдыстадон къордмæ æрбадзырдта мыггаджы хистæртæй иу, Бекмæрзты Константин. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йыл Мамыкъаты Таузан йæ номыл скодта æууæнчы гæххæтт. Ныр уый, хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы æфсымæрты хойы номæй кæны æппæт ацы хъуыддæгтæ. Бекмæрзты Константины ныхæстæм гæсгæ, хъæуы хицау зæхх администрацийы бæрны йæхæдæг бакодта. Бекмæрзты Константин ма нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй æфсымæрты хо иу æмæ дыууæ хатты курдиат нæ балæвæрдта, куыд хъæуы, афтæ районы администрацимæ. Фæлæ йын æмбæлгæ дзуапп лæвæрд никуы 'рцыд. Куыд загъта, афтæмæй йæ йæ бон бацалцæг кæнын нæ уыд, уымæн æмæ 2018 азмæ хæдзар уыди администрацийы бæрны. Не`сфæлдыстадон къорд ацы фарстайы фæдыл ацыд Æрæфы районы бынæттон администрацимæ. Уым куыд загътой, афтæмæй Мамыкъаты Таузан курдит куы балæвæрдта районмæ, уæд ын бар радтой райсын, хæдзары алыварс зæххы цы 5 сæдæ квадратон метры ис, уый. 5 сæдæ квадратон метрæй уæлдай ма, Бекмæрзаты бинæнтæн æмбæлы ноджы 2 квадратон метры. Афтæ зæгъы Гуцунаты Хъазыбег, фæлæ уыцы 2 метры ратдзысты æрмæстддæр Гæлиаты бынæттон администрацийы сæгълæууæг куы сразы уа, уæд. Домæнтæм гæсгæ, зæхх уал фыццаг хъуамæ районы бæрны бацæуа, стæй йæ уыдон уæд скæндзысты Мамыкъаты Таузаны номыл. Фæлæ ныртæккæ Цопанты Люся хъуыддаг афтæ фæзилыныл нæ разы кæны. Иу хъуыдымæ æрцæуыны тыххæй, зæгъынц районы администрацийы, хъæуы рæстæг. Ныфс бавæрдтой, уавæрмæ лæмбынæг кæй кæсдзысты, уымæй. Мах дæр æм æнхъæлмæ кæсдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бекмæрзты 5 æфсымæры хæдзары цур цы зæххы хай ис, ууыл тох кæнынц

Категория:

Новости и СМИ