Уæрæсейы хуыздæрты 'хсæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Троицкæйы скъола æртæ азы нымад æрцыд Уæрæсейы хуыздæр хъæуккаг ахуыргæнæндæттæй иуыл. Сæ ахуырдзауты зонындзинæдты æмвæзад бирæтæн у дæнцæгæн хæссинаг. Ахуыргæнджытæ сæ куыст канд домæнтæм гæсгæ не ххæст кæнынц. Сæйрагдæр у сæ дæсныйад зæрдæйæй кæй равзæрстой æмæ сæ цард сывæллæттæн кæй снывонд кодтой, уый. Скъоладзаутæ дæр æй æмбарынц æмæ тырнынц ахуырмæ æмæ ног уæлахизтæм. Мæздæджы районы, Троицкæйы хъæуы скъола 1970 азы сарæзтой. Уæдæй абонмæ йæ 3 хатты бахастой Уæрæсейы хуыздæр скъолаты номхыгъдмæ. Уый та бирæйыл дзурæг у. Скъолайы ахуырдзаутæ кæддæриддæр хорз бæрæггæнæнтæ равдисынц. Хуыздæр скъолаты рейтинг скæны «Ахуыргæнджыты газет»-ы редакци. Алыхуызон домæнтæм гæсгæ сбæрæг кæнынц хуыздæр ахуыргæнæндон. Фæлæ сæйраг у — ахуырдзаутæ олимпиадæты æмæ иумæйаг паддзахадон фæлварæнты сæхи куыд равдисынц, уый. Ома, сæ бæрæггæнæнтæ. Троицкæйы скъолайый ахуырдзаутæ разæнгардæй ахуыр кæнынц. Алцыдæр сæм цымыдисаг кæсы. «Ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ ацы хабарыл тынг бацин кодтой. Сывæллæтты бæрны бацыдыстæм æмæ архайæм фылдæр зонындзинæдтæ сны радтыныл. Нæ куысты ахадындзинад дæр æмбарæм, æмæ ноджы фылдæр кусæм. Куыд мæм кæсы, афтæмæй «хуыздæр хæууон скъола»-йы ном хæссыны аккаг стæм. Дарддæр дæр архайдзыстæм цæмæй ахуырдзаутæ хорз бæрæггæнæнтæ æвдисой, ууыд», — Мæздæджы районы Троицкæйы скъолайы директор Лариса Богославцева. «Скъоладзауты ахуыры фæндагыл слæууын кæнын — уым зынæй ницы ис» — зæгъынц ахуыргæнджытæ. Æрмæст дæ удуæлдайæ кусын хъæуы. Ницы профессионалон сусæгъдзинæдтæ дзы ис — тых æмæ рæстæг ма хæлæг кæнын æмæ кæстæртæн дæ зонындзинæдтæ ма вгъау кæнын. «Я уарзын алыхуызон конкурсты æмæ зонадон ерысты архайынц. Уæлдайдæр та проекттæ фыссын. Зæгъæм, бацæттæ кодтон биологийæ æмæ экологийæ проекттæ. 7-æм къласæй фæстæмæ та архайын скъоладзауты `хсæн Æппæтуæрæсеон олимпиадæты. Æнтысджынæй дзы мæхи равдисын. Алыхуызон предметтæй ацы аз уыдтæн фыццæгты хсæн», — 11-æм къласы ахуырдзау Дзуццаты Янæ. Скъолайы ахуыр кæнынц 500 сæдæ скъоладзауы. Ахуыргæнджытæ 40 сты. Æмæ кæд бирæ не сты, уæд æнтысджын куыст кæнынц. Сæ къухы бафтынц хорз бæррæггæнтæ. Уымæн æмæ ахуыргæнæджы дæсныйад æгæрон уарзт кæнынц. Фæнды сæ хуыздæрты ном хæссын дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй скъолайы аивдзинад канд йе *æддаг бакаст нæу. Фыццаджыдæр — скъоладзауты зонындзинæдты æмвæзад æмæ сæ тырнындзинад ахуыры ног бæрзæнттæм. Ууыл æвæллайгæйæ кусынц. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Уæрæсейы хуыздæрты 'хсæн

Категория:

Новости и СМИ