Сау лæгæт
Алагиры, Толстойы уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæн сæ бæстыхай у ныккæлынæввонг. Нæдæр дзы хъармгæнæн системæ кусы, нæдæр дондзæуæн. Уæттæ æнуд, къултæ - хъуына, пъадвалы та æхсæвæй-бонæй хæфсытæ сæ бухъцарды зарджытæ кæнынц. 12 азы размæ бæстыхай банымадтой кæлæддзагыл. Фæлæ ма дзы адæм ныр дæр цæрынц. Баххуыс сын кæндзысты æви нæ, уый нæ зонынц. Хицауады дуæрттыл зилынæй бафæлладысты. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат фембæлд адæмимæ, аныхас кодта бæрнон адæмимæ. Цы дзы рауад, уый уын æвдисæм. Ахæм хæст адæм рагæй кæнынц. Толстойы уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ дыууæ дихы фесты. Иуты хъæуы ног фатертæ. Иннæты æхца. Алагиры бирæуæладзыгон хæдзар 2006-æм азæй фæстæмæ нымад у кæлæддзаг хæдзарыл. Фæлæ уый бынæттон цæрджытæ нырма фарон базыдтой. Азтæ цæуынц, хъуыддаг та нæ ивы. Ахæм уавæры куыдз дæр нæ фæцæрдзæн. Хæдзары къултæ иууылдæр афаз сты. Пъадвал та къæвда доны бын фæци. Смагæй дзы бацæуæн нæй. Адæмæн сæ сыхæгтæ - хæфсытæ æмæ кæлмытæ. Мидæмæ куы бацæуай, уæд уым дæр хуыздæр нæу. Ацы бирæуæладзыгон хæдзар у - раздæры заводы æмдзæрæн. Куыстуат 10 азæй фылдæр нал кусы. Къуындæг бацæуæнтæ æмæ фатертæ. Кæм æрлæууай уый дæр дзы нæй. Адæм фæдисы кæнынц. Алагиры районы администрацийы зæрдæ бавæрдтой - тагъд адæмæн баххуыс кæндзысты. Кæлæддзаг хæдзæрттæй сæ ногтæм раивыны федералон программæ ацы азы кæронмæ æххæстгонд хъуамæ `рцæуа. Кæд Толстойы уынджы хæдзары цæрдытæ дæр рухс фениккой. Фæлæ сын ног хæдзæрттæ самайын нал рауайдзæн - арæзтадон куыстуат бадзырдæй разыйæ нæ баззад. Администрацийы джихæй аззадысты. Ныр адæмæн æххуысæй зæрдæ `вæрынц, фæлæ, дам, уæхæдæг æмæ уæ хъару. Фæлæ цæрджытæн сæ фылдæр разы не сты, администраци сæм сæ хъус куыд дары, уымæй. Цы `хца сын хъуамæ радтой, уыдонæй хæдзар нæ, фæлæ зæронд сара йеддæмæ ницы балхæндзынæ. Афтæ зæгъынц адæм сæхæдæг. Нæ республикæйы цæрæнуæты коммуналон хæдзарады министрады сын ныфсытæ дæттынц. Паддзахад куыннæ хъуамæ баххуыс кæна. Æрмæст, дам, бабыхсут. Министры хæдивæг бæлвырдæй дзуры: цæмæй федералон программæ сæххæст кæной, уый тыххæй иумæйагæй радих кодтой 383 милуан сомы. Уыцы æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнынц республикон æмæ муниципалон бюджеттæй, стæй цæрæнуæтты коммуналон фонды фæрæзтæй. Цыбыр рæстæгмæ хъуыддаг банывыл кæндзысты. Цыдæриддæр гæххæттытæ бадæттын хъæуы, уыдон сæмбырд кæндзысты æмæ сæ Мæскуымæ арвитдзысты. Æрдæгпырх хæдзары цæрджытæ та уæдмæ хъуыды кæнынц, дарддæр ам куыд цæрой, ууыл. Тæрсынц, сæ адзал дзы куы ссарой, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сау лæгæт
Категория:
Новости и СМИ