Беслæны цæуы фæндæгты рацарæзт

Джыбылаты Зауыры уынг кæддæриддæр хæдтулгæтæй нæ зыны, уæлдайдæр та райсомӕй. Чи куыстмæ тагъд кæны, чи та — скъоламæ. Ныртæккæ объекты цæттæдзинад у 50%. Фæндаджы ног уæлцъар, куыстытæ æххæсгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, фидар у æмæ фæлæудзæн 5 азы бæрц. Техникæ, æрмæг æмæ кусджытимæ сæм къуылымпыдзинæдтæ нæй. Нысангонд æмгъуыдæй хъуамæ ма фæиппæрд уой. Рацарæзт, «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» национ проектмæ гæсгæ, райдыдта майы. Кусынц Цæгат Ирыстоны Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадимæ иумæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фыццаг раивынц инженерон хызæгтæ. Æрмæст канализаци, доны хæтæлтæ æмæ къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ куы сног кæнынц, уæд бавналынц асфальт æвæрынмæ. Ивддзинæдтæ егъау сты æмæ сæ, æнæ цæрджыты бахъыгдаргæйæ, бакæнын нæ уайы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ рацарæзт фылдæр цæуы горæты сæйраг уынгтыл. Ам социалон объекттæ бирæ ис: сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, колледж, уæлæмхасæн ахуыры уагдæттæ. Рахизфарсы районы администрацийы капиталон арæзтады хайады разамонæг Къæбойты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ куыстытæ цæуынц 12 километрыл, уый у горæты фæндæгты 8%. Нысангонд фæткæй раздæр сцæттæ сты Марковы æмæ Плийы-фырты номыл уынгтæ. 400 млн сомæй фылдæр — уыйбæрц рахай кодтой рацарæзтæн. Куыстытæ æххæстгæнджытæ зæрдæ æвæрынц, æгас гарантион æмгъуыд фæндæгтæ базилинаг кӕй нӕ уыдзысты. Уыдон сты Фæскомцæдисы, Карл Марксы, Энгельсы, Бæтæджы-фырты, Хъайтарты уынгтæ, стæй Ногдзауты фæрсуынг. Иннæ аз та Беслæн сног кæндзысты 15 фæндаджы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
21 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии