Парламенты депутаттæ бабæрæг кодтой хъæууонхæдзардон кооператив "Де-Густо"-йы фосдарынады комплекс
Цæгат Ирыстоны фосдарынады фарстатæ æмæ райрæзтыл æрныхас кодтой тымбыл стъолы æмбырды. Амыдта йæ парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Депутаттæ бабæрæг кодтой хъæууонхæдзардон кооператив "Де-Густо"-йы фосдарынады комплекс. Спикеры ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстуат у хорз дæнцæг хъæууон хæдзарады æнтыстджынæй архайæн кæй ис, уымæн. Йæ разамонæджы бæрæггæнæнтæ амалхъомады, раст паддзахадон политикæ къабазы дæттынц хорз хатдзæгтæ. Æрныхас ма кодтой «Хъæууон хæдзарады райрæзт æмæ хъæууонхæдзарадон продукци, хомаг æмæ хæлцадмæ цæстдарды» паддзахадон программæйы райрæзтыл. Ивгъуыд аз уый тыххæй радих кодтой дыууæ милуан сомæй фылдæр. Сæнæфсиры æмæ дыргъты куыстады субсидиты руаджы ныссагътой сæнæфсиры талаты 298 гектары, 305 та бæлæстæ. Ныхас ма цыд аиуварсгæнинаг фарстатыл. Се 'хсæн кадртæ кæй нæ фаг кæны, уый. Хъæууон хæдзарады къабазы архайджытæ хъуамæ æнгом æмархайд кæной ахуырадон кусæндæттимæ.