Уæрæсейы абон бæрæг кæнынц Конституцийы бон
Бæрæгбоны фæдыл Цæгат Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйраг документы ахадындзинад граждайнаг æхсæнады у ахсджиаг. Фыст дзы ис адæмы бартæ. Нæ бæстæйы Конституцийы фидаргонд сты æппæт статьятæ дæр, баст сты цардыуаджы алы фарстатимæ. Зæгъæм, лæвар ахуырад райсын, сæрибарæй мыхуыр кæнын, митингтæ аразыны æмæ æндæртимæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, документ хорз æвæрæн хæссы национ иудзинад бахъахъхъæнынмæ. Алы адæймаджы хæс у уыцы закъонтæ æххæст кæнын. «Бæрæгбон у æнгомдзиады бындур, нæ республикæйы райрæзтæн та ахъазаг», - фæбæлвырд кодта республикæйы сæргълæууæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы абон бæрæг кæнынц Конституцийы бон
Категория:
Новости и СМИ